филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:39 воскресенье, 14 декабря 2025
03 января 2014, 11:16
Цæгат Кавказы Хæххон Металлургон Университеты уыд ахуыргæндты уæрæхгонд æмбырд
Цæгат Кавказы Хæххон Металлургон Университеты уыд ахуыргæндты уæрæхгонд æмбырд.

Хуссар Ирыстонæй рацæуæг фæсивæдæй дзы 10 хуыздæр студентæн кадджын уавæры лæвæрд æрцыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон Джиоты Русланы номыл стипендитæ. Архайдта дзы Хуссар Ирыстоны ахуырады министр Цыбырты Маринæ дæр.

Абон Хæххон Металлургон Университеты Хуссар Ирыстонæй ахуыр кæны 280 адæймаджы. Сæ 40%-æн дзы ис иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Сæ фылдæр ахуыр кæнынц Хуссар Ирыстоны экономикон уавæрæн хъæугæ чи у, ахæм факультеты.

Университеты æмæ Хуссар Ирыстоны ахуырады æмгуыстады райрæзтыл кæй архайы, уый тыххæй ректор Николай Шубин Цыбырты Маринæйæн саккаг кодта арфæйы гæххæтт.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania