филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:35 воскресенье, 19 мая 2024
19 декабря 2013, 11:06
Цæгат Кавказы иумæйаг хæс электрон тыхы лæггæдтæн у 24 миллиард сомы

Æрдзон газы тыххæй та фæлхасгæджыты хæс хæццæ кæны 50 миллиард соммæ. Ууыл дзырдтой Мæскуыйы Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон фарстаты фæдыл

Æрдзон газы тыххæй та фæлхасгæджыты хæс хæццæ кæны 50 миллиард соммæ. Ууыл дзырдтой Мæскуыйы Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон фарстаты фæдыл Хицауадон къамисы æмбырды. Амыдта йæ Дмитрий Медведев. Премьеры хуындмæ гæсгæ æмбырды архайдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Дызæрдыггагыл банымадта, республикæмæ газ чи дæтты, уыдоны домæнтæ.

 Æрдзон артаг чи дæтты, уыдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ хæс у 5 миллиард сомы. Электрон тыхы фиддонты бæрæггæнæнтæ та сты цы æмбæлы, уымæй бирæ хуыздæр. Мамсыраты Таймуразы хъуыдымæ гæсгæ раст нæу, уыцы иу адæм æмæ куыстуæттæ æрмæст газæн нæ фидынц зæгъгæ, уыцы хъуыды. Дмитрий Медведев бахæс кодта, уыцы фарста равзарын. Газы фиддонтимæ ахæм уавæр ис Цæгат Кавказы бирæ субъекты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania