Йæ архайджытæ уыдысты Цæгат-Кавказы федералон зылды субъектты, мидхъуыддæгты, æнæнхъæлæджы цауты фæдыл министрадты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий куыд бафиппайдта, афтæмæй æдасдзинадыл абон куыст цæуы хицæнтæй.
Цæгат Кавказы иумæйаг системæ «Æдас горæт» саразыны фарстатыл ныхас цыд, Дзæуджыхъæуы кæй сарæзтой, уыцы регионалон æмбырды. Йæ архайджытæ уыдысты Цæгат-Кавказы федералон зылды субъектты, мидхъуыддæгты, æнæнхъæлæджы цауты фæдыл министрадты минæвæрттæ. Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдары хæдивæг Зæнгионты Виталий куыд бафиппайдта, афтæмæй æдасдзинадыл абон куыст цæуы хицæнтæй. Ныртæккæ цы проектыл архайынц, уый фадат ратдзæн иумæйагæй республикæйы уавæрмæ цæст дарынæн æмæ æвирхъау уавæрты, кæнæ фыдракæнды ныхмæ æвæстиатæй хъæугæ мадзæлттæ бакæнынæн. Афтæмæй адæмы æдасдзинад хъуамæ зынгæ фæбæрзонддæр уа. Нæ республикæ у фыццаг, системæ «Æдас горæт» кæм аразынц, ахæм. Ныридæгæн цы фæлтæрддзинад ис æппæт фарстатæ лыг кæныны, уый, æнæмæнг, цымыдисаг у сыхаг субъекттæн. Паддзахадон куыстуат «Æдасдзинад»-ы разамонæг Николай Збирун бæстонæй радзырдта уазджытæн системæ саразыны æппæт домæнты тыххæй. Ахсджиаг у финансон фарста. Бюджетæн ахæм проект у тынг зынаргъ, уымæ гæсгæ агурынц æндæр мадзæлттæ дæр. Ныртæккæ Ирыстоны кусы системæйы иу хай. Уый цæст дары фæндæгтыл цæуыны уагæвæрдмæ. Фæд-фæдыл кусын райдайдзысты иннæ хæйттæ дæр.
Сæлбиты Алан, Паддзахадон Унитарон куыстуат «Безопасность»-ы директоры хæдивæг: «Уыцы программæйæн ныртæккæ йæ проект конд фæци, кусæг документтæ аразæм, цалдæр мадзалы цæттæ сты. Адæм æнхъæл сты, æмæ æрмæстдæр фæндæгтыл кусы нæ системæ. Афтæ нæу. Уымæй уæлдай ма йæм хауы «тагъд æххуыс», системæ «112», Беслæны 8-м скъолайы сæвæрдтам, æбæрæг адæймаджы бацæуын чи нæ бауадздзæн, ахæм системæ. Уымæй уæлдай архайæм, цæмæй уал æппæт мадзæлттæ гæххæттыл фыст æрцæуой, стæй цæмæй царды цæуын райдайой».