филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:43 пятница, 03 мая 2024
11 августа 2014, 11:21
Цæгат Кавказы республикæты хсæн æфсымæрон бастдзинæдтæ фидардæр кæнын – ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой проект «Сыхæгтæ» аразджытæ

Цæгат Кавказы республикæты хсæн æфсымæрон бастдзинæдтæ фидардæр кæнын, фæсивæды кæрæдзиуыл бæттын, зонгæ сæ кæнын кæрæдзийы царды уагимæ, культурæ æмæ историимæ –

73668
Цæгат Кавказы республикæты хсæн æфсымæрон бастдзинæдтæ фидардæр кæнын, фæсивæды кæрæдзиуыл бæттын, зонгæ сæ кæнын кæрæдзийы царды уагимæ, культурæ æмæ историимæ – ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой проект «Сыхæгтæ» аразаджытæ.

Фæзынд 6 азы размæ. Уал азмæ Цæгат Ирыстоны фæсивæд базонгæ сты бирæ сыхаг регионты минæвæрттимæ.

Сæхæдæг дæр æдзух уыдысты уазæгуарзон фысымтæ. Ацы бонты дæр Кæсæг-Балхъары минæвæрттæ сты Ирыстоны.

Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы уазджытæн Ирыстоны «æгасцуай» загътой, ирон æгъдаумæ гæсгæ куыд æмбæлы, афтæ: 3 чирийы æмæ бæгæныйы къусимæ. Алагиры сын ссардтой бæстыхай æмæ къуырийы бæрц Кæсæг-Балхъары фæсивæдæн сси сæ хæдзар. Кæсгон лæппу Евгений Тринц куы базыдта Ирыстонмæ цæудзысты, уый, уæд уайтагъд сразы и, уымæн æмæ йæ фæндыд ногæй ирыстойнаг лæппутимæ фембæлын.

Уазджытæ бабæрæг кодтой Беслæны мемориалон уæлмæрд, уыдысты, теракт кæм æрцыд, уыцы скъолайы. Фысымтæ сын сарæзтой экскурситæ, равдыстой сын Ирыстоны рæсугъддæр æмæ цымыдисагдæр бынæттæ. Зæрдиагæй сæ зонгæ кæнынц ирон адæмы культурæ æмæ традицитимæ, фольклор æмæ историимæ, сæ царды уагимæ….

Тотиты Жаннæйы дæр фæндыд, цæмæй йæ лæппутæ архайой проекты.

Ацы аз проект сси æппæтдунеон. Архайынц дзы Адыгейы республикæйы, Хуссар Ирыстоны, Сирийы фæсивæд 13 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæд. Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ сты æппæтæй фылдæр – 9.

Проект «Сыхæгтæ» æххæстгонд цæуы 6 азы. 4 азы дзы архайынц Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Уал азмæ алы регионтæй бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ базонгæ сты кæрæдзиимæ æмæ балымæн сты, се хсæн фæзынд æфсымæрон ахастдзинæдтæ. Уый та у йæ сæйрагдæр нысан. Адæм кæрæдзимæ цас æнгомдæр уой, цас хуыздæр базоной кæрæдзийы, уыйас уыдзысты лымæндæр. Уыйбæрц дуне уыдзæн сабырдæр æмæ æдасдæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania