Бæстæйы стыр ахуыргæндтæ æрдзурдзысты Цæгат Кавказы æрдзон æмæ геологон уавæрыл. Наукон форумы архайджытæн республикæйы сæргълæууæджы номæй раарфæ кодта хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Бафиппайдта, конференцийы хатдзæгтыл стыр ныфсытæ кæй æвæрынц, уый.
Бæстæйы стыр ахуыргæндтæ æрдзурдзысты Цæгат Кавказы æрдзон æмæ геологон уавæрыл. Наукон форумы архайджытæн республикæйы сæргълæууæджы номæй раарфæ кодта хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Хадыхъаты Азæмæт. Бафиппайдта, конференцийы хатдзæгтыл стыр ныфсытæ кæй æвæрынц, уый. Хъолайы цъити кæй ратыдта, уый дæр æвдисы, æрдзы скондмæ æдзух цæстдарын кæй хъæуы. Конференцийы архайынц бæстæйы стыр ахуыргæндтæ.
Ацы конференци арæзт æрцыд Уæрæсейы наукæты академийы Дзæуджыхъæуыккаг геофизикон иртæстыты центры директор Владислав Заалишвилийы 65 азы кадæн. Лæвæрттæй фæстæмæ профессорæн йæ наукон куыстыты тыххæй радтой Уæрæсейы наукæты академийы Кадджын нысан, «Экологи хъахъхъæныны» орден æмæ «Сыгъдæг Варварæйы» орден – у шахтерты æмæ хæххон промышленносты куысджыты бардуаг. Владислав Заалишвили у уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг академиты æцæг уæнг. Конференци цæудзæн 3 боны.