13 октября 2014, 17:35
Цæгатирыстойнаг 3 хъæбысæйхæцæджы республикæмæ сластой майдантæ
Сæхи иттæг хорз равдыстой къуырма æмæ æвзæр чи хъусы, ахæм спортсменты ‘хсæн дунеон чемпонаты. Ерысты цыдысты Ереваны, 6-æй – 8-æм октябрьмæ. Архайдтой дзы 14 паддзахадæй 100 спортсмены.
Райгуырæн бæстæмæ уæлахизимæ. Цæгатирыстойнаг 3 хъæбысæйхæцæджы республикæмæ сластой майдантæ.
Сæхи иттæг хорз равдыстой къуырма æмæ æвзæр чи хъусы, ахæм спортсменты ‘хсæн дунеон чемпонаты. Ерысты цыдысты Ереваны, 6-æй – 8-æм октябрьмæ. Архайдтой дзы 14 паддзахадæй 100 спортсмены. Уæрæсейы командæйы хыгъды уыдысты не мзæххонтæ Гобеты Хъазыбег – радтой йын бронзæ майдан, стæй Токты Руслан æмæ Хетъеты Артур. Дыууæ дæр хорзæхгонд æрцыдысты сызгъæрин майдантæй.
Вагзалы уæлахиздзаутыл æртæ чъирийымæ сæмбæлыдысты сæ хæстæджытæ, тренертæ æмæ хæлæрттæ. Уым сын сарæзтой чысыл концерт дæр.
темæмæ гæсгæ




