Иу сыгъзæрин, 2 æвзисты æмæ 3 бронзæ майданимæ сыздæхтысты цæгатирыстойнаг кикбоксертæ уæрæсейаг ерыстæй.
Арæзт æрцыдысты Красноярскы. Аэропорты спортсментыл сæмбæлдысты фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады, Цæгат Ирыстоны кикбоксинджы федерацийы минæвæрттæ, дунейы чемпион Хъараты Руслан, сæ хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ. Пæрæстаты Марат æмæ Влас Ваганов бацахстой фыццаг æмæ дыккаг бынæттæ. Ныр Уæрæсейы иугонд командæйы архайдзысты европæйаг ерысты Польшæйы. Бæстæйы чемпионаты æвзист призер Темыраты Маратæн ма сентябры уыдзæн иу тыхæвзарæн. Уый хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзæн, дунейы чемпионаты архайдзæн æви нæ, уый.
Касаты Бола, Уæрæсейы чемпионаты бронзæ призер кикбоксингæй: «Æз цыдтæн, цæмæй фыццаг бынат бацахсон. Иумæ цыдыстæм Маратимæ, фæлæ иу чысыл нæ рауад, рæстæг нын бирæ нæ уыд, цæмæй бацæттæ кодтаиккам, æмæ афтæ рауад».
Гæцъойты Эльбрус, тренер: «Сæрыстыр стæм, уымæн æмæ æрцыдысты æнæнизæй иууылдæр. Ныййарджытæн дæр уымæй хуыздæр ницы вæййы. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын республикæйы министрады сæргълæууæгæн Келехсаты Рустемæн. Уый баххуыс кодта ацæуын ацы ерыстæм».