16 июля 2014, 17:05
Цæгатирыстойнаг пъæлицæйæгтæ æрцахстой фыдгæнæджы
Æрыгон лæппу кондитерон хæдзар «Анечкæ»-йы сейфæй радавта фондз сæдæ мин сомы бæрц æмæ дзы йæ уарзон чызгæн скодта лæвæрттæ. Æстдæсаздзыд фыдгæнæг куыста хъахъхъæнæгæй ацы куыстуаты. Æмæ дзы рахаста милуан сомы рдæг.
Цæгатирыстойнаг пъæлицæйæгтæ æрцахстой фыдгæнæджы. Æрыгон лæппу кондитерон хæдзар «Анечкæ»-йы сейфæй радавта фондз сæдæ мин сомы бæрц æмæ дзы йæ уарзон чызгæн скодта лæвæрттæ. Æстдæсаздзыд фыдгæнæг куыста хъахъхъæнæгæй ацы куыстуаты. Æмæ дзы рахаста милуан сомы рдæг. Уыцы хцайæ йæ зонгæ чызгæн балхæдта дидинджытæ, сызгъæрин къухдарæн æмæ хъазæн. Йæхицæн та балхæдта машинæ. Фæлæ лæвæрттæ йæ уарзонмæ фæхæццæ кæнын нæ бантыст. Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ йæ рцахстой, дидинджыты салонæй куыддæр рахызт, афтæ. Æрыгон лæппу йæ аххосыл басаст. Пъæлицæйæгтæ ма дзы байстой, чи йæм баззад, уыцы 100 мин сомы.
темæмæ гæсгæ




