Евроцæдис знон фехъусын кодта, санкцитæ кæй ныхмæ араздзысты, уыцы уæрæсейаг политикон архайджыты номхыгъд. Уыдоны хсæн ис цæгатирыстойнаг сенатор Тотоонты Алыксандр.
Тотоонты Алыксандр, УФ-йы Федерацийы Советы сенатор Цæгат Ирыстонæй: «Евроцæдис мын мæ ныхæстæм æмæ хъуыддæгтæм афтæ лæмбынæг кæй хъусы, уый кадджыныл банымайæн ис. Фæлæ, æвæццæгæн, фæсанæйнаг хъусдарджытæ хызт сты мах фидар цæуыл хæцæм, уыцы миниуджытæй – ис нæм хиондзинад, аргъ ын кæнæм, нæхи кæрæдзиуыл бæттæм. Ууыл ахæр кæнæм нæ гыццылæй фæстæмæ. Уыцы миниуджытыл хæст сты, Мæскуыйы цы адæмыхатты минæвар дæн, уыдон дæр. Æз бирæ хæттыты дзæрдтон, мах, ирæттæ, хæсджын стæм. Хорз æй зонæм бахъуаджы сахат æххуыс цы у, уый. Дæ фарсмæ цы æмбал æрбалæууа, уый æххуыс куыд зынаргъ æмæ хъæугæ сты. Иумæ бахъахъхъæнын сылгоймæгты, сывæллæтты, Фыдыбæстæ».
Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 1-æм мартъийы Федерацийы Советы æнæрадон æмбырды Федерацийы Советы депутаттæ бар радтой УФ президентæн Украинæмæ уæрæсейаг æфсæдтæ бакæнынæн. Уыцы æмбырды Тотоонты Алыксандр фæсидт депутаттæм, цæмæй иумæ бахъахъхъæной Украинæ фашисттæй æмæ дзы загъдкъахæн митæ чи кæны, уыдонæй, стæй сæ бон хъуыддаг банывыл кæнын кæмæн нæу, уыцы политиктæй.




