филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:09 воскресенье, 06 октября 2024
02 октября 2012, 10:51
Цъæйы комы ацыдысты ирвæзынгæнджыты ахуыртæ

Цъæйы комы ацыдысты ирвæзынгæнджыты ахуыртæ. Архайдтой дзы Краснодары, Стъараполы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ирвæзынгæнджытæ. Ацы æмбырдтæ арæзт цæуынц 10-æм хатт.

Цъæйы комы ацыдысты ирвæзынгæнджыты
ахуыртæ. Архайдтой дзы Краснодары, Стъараполы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны
ирвæзынгæнджытæ. Ацы æмбырдтæ арæзт цæуынц 10-æм хатт.

Специалистты ног домæнтæм гæсгæ ахуыр
кæнынц хæххон уавæрты адæмæн æххуыс кæныныл, стæй хъыгдардбаййафджыты
цæугæдæтты сæрты исыныл. Ахуырты размæ ирвæзынгæнджытæ ацæуынц теори.
Æрмæстдæр уый фæстæ ис практикон æгъдауæй кусын. Æмбырдты хатдзæгтæм
гæсгæ хуыздæртæн ратдзысты ирвæзынгæнджыты жетонтæ.

Тедеты Тамерлан, Хуссар Ирыстоны
æнæнхъæлæджы цуты министрады кусæг: «Ацы ахуыртæ арæзт цæуынц 10-æм
хатт. Сты тынг хъæугæ, уымæн æмæ хæхты адæмæн æххуыс кæнын зын у, æмæ
хъуамæ алчидæр зона, ирвæзын кæнын куыд растдæр хъæуы, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania