филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:33 среда, 26 июня 2024
24 июля 2014, 17:30
Цъæйы комы фæлладуадзæн базæтæй дунейы хъуыстгонд курорттæ саразын

Ахæм хæс йæ размæ æвæры Цæгат Ирыстоны туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрад. Уыцы хъуыддагæн æмбæлгæ уавæртæ ис, зæгъынц специалисттæ. Туристон къахвæндæгтæ, фысымуæттæ æмæ пансионаттæ. Уæдæ сæрдыгон туристтæ дæр разыйæ баззайынц, альплагерьты фадæттæй æмæ æргътæй.

73501
Цъæйы комы фæлладуадзæн базæтæй дунейы хъуыстгонд курорттæ саразын. Ахæм хæс йæ размæ æвæры Цæгат Ирыстоны туризмы, амалхъомдзинады æмæ инвестицион политикæйы министрад. Уыцы хъуыддагæн æмбæлгæ уавæртæ ис, зæгъынц специалисттæ. Туристон къахвæндæгтæ, фысымуæттæ æмæ пансионаттæ. Уæдæ сæрдыгон туристтæ дæр разыйæ баззайынц, альплагерьты фадæттæй æмæ æргътæй. 
Дарья Дербитова йе мбæлттимæ Цъæймæ ссыд Мæздæгæй. Фыццаг бонæй фæстæмæ зилын райдыдтой комы рæсугъд бынæттыл, зонгæ кодтой йæ цымыдисаг флорæимæ. 
Дарья Дербитова: «Æз мæхæдæг фыццаг хатт дæн ам. Фæлæ мæ, ме мбæлтты ныхæстæм гæсгæ рагæй фæндыд. Смондаг-иу сæм дæн. Æмæ, раст зæгъгæйæ, фæсмон нæ кæнын, улæфынмæ ардæм кæй æрбацыдтæн, ууыл. Бирæ рæсугъддзинæдтæ дзы ис. Адæммæ дæр хорз цæстæй кæсынц, уавæртæ дæр дзы хорз сты». 
Цъæйы комы фæлладуадзæн базæтæ сты 7. Æмæ дзы алкæмдæр адæмæн арæзт цæуынц æппæт фадæттæ. Алкæйы бон дæр у равзарын номер, кæнæ агъуыст коттеджы. Сæ æргътæм гæсгæ алыхуызон сты. Фæлæ æрбацæуджыты хъуыдымæ гæсгæ, чысыл асламдæр сты базæ «Цъæй»-ы. Ам номер кæны 800-йæ – 1800 сомы онг, уыцы хцайæ фæлладуадзджытæн бон хæрын кæнынц 3 хатты. Коттеджы цæрын у зынаргъдæр 7-9 мины. 
Цъæйы ис фысымуæттæ «Сказка» æмæ «Вертикаль». Хуымæтæг номер дзы кæны 1800 сомы, полулюкс та 2 хатты зынаргъдæр. Уым дæр сæ цæрджытæн хæрын кæнынц бон 3 хатты. Ис дзы бассейн дæр.
«Иу ныхасæй йæ дзыпп кæмæн куыд амоны, уымæ гæсгæ дзы алчидæр ссардзæн фæлладуадзæн бынат» – зæгъынц базæты æмæ уазæгуæтты кусджытæ. Фæлæ туристты ныхæстæм гæсгæ æргътæ сты, Кисловодскы зындгонддæр санаториты куыд сты, афтæ.
Абайты Игорь, Альпинистон лагерь «Цъæй»-ы хицау: «Адæм фылдæр куы цæуиккой коммæ, уæд æргътæ дæр уаид фæкъаддæр кæнын. Афтæмæй та иууылдæр сты зын уавæры – базæтæ æмæ фæлладуадзæн бынæттæ кусынц æнæхъæн афæдз. Хардз кæнынц электрон тых, газ, фæкусынц хъармгæнæгтæ, æлхæнынц хойраг, кусджытæн мызд фидынц – æппæт уыцы хæрдзтæ нымайгæйæ, базæты хицæуттæ сæвæрынц ахæм аргътæ. Фæлæ, йер мах 5 азы нæ æргътæ æппындæр нæ фæбæрзонддæр кодтам».
Уавæр куыд аивæн ис, ууыл хъуыды кæнынц специалисттæ дæр. Туризмы министр Диамбекты Аланы хъуыдымæ гæсгæ хицæн базæты райрæзтыл кусын нæ хъæуы, фæлæ Цъæйы комыл æмтгæй. Хъæуы дзы скæнын раздæрау, æнæхъæн афæдз чи кусы, ахæм курорт. 
Ахæм хъуыдыимæ разы сты, ардæм бирæ азты чи цæуы, уыцы адæм дæр. 
Ацы бонты ма Цъæйы кусы сæрдыгон æппæтдунеон математикон форум. Дунейы ахуыргæндтæ æмæ ахуырдзаутæ дæр æнæбафиппайгæ нæ фесты, комы рæсугъддзинад интеллектуалон куыстæн дæр пайда кæй у, уый. Æмæ зæгъынц туризмы райрæзтæн, ам ис æппæт фадæттæ дæр.
Арам Арутюнов, Мæскуыйы паддзахадон унивеситеты профессор, адæмты хæлардзинады уæрæсейаг университеты кафедрæйы сæргълæууæг: «Ам ахæм уавæрты кæй цæуы нæ форум, уый тынг хорз у. Бирæ конференциты сæйрагдæр у докладтæ бакæсын нæ, фæлæ афтæ хуымæтæг æрдзон уавæрты аныхас кæнын. Дæ хъуыдытæ зæгъын. Цымыдисаг хабæрттæ æмæ ногдзинæдтæ базонын. Уыимæ ма дзы цæрын уавæртæ дæр хорз сты».
Комы инфраструктурæйы райрæзтæн куыд хуыздæр æмæ ахадгæдæр мадзæлттæ ссарын хъæуы, ууыл архайынц специалисттæ. Туризмы министрады та фæнд кæнынц комы фистæгæйцæуджыты фæндæгтæ скæнын. Сæ хъуыдымæ гæсгæ уыдон туристтæн байгом кæндзысты уæрæх фæндæгтæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania