филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:49 четверг, 14 августа 2025
26 мая 2014, 11:03
Цæлыччы цæрджытæ къуырийæ фылдæр уыдысты æнæ донæй

Электрон донцъирæнтæ ахуыссын кодтой энергетиктæ, хъæуы цæрджытæ хæс кæй дарынц, уымæ гæсгæ. Иумæйаг хæсы бæрц у – 800 мин сомæй фылдæр. Адæмæй бирæтæн сæ бон

Цæлыччы цæрджытæ къуырийæ фылдæр уыдысты æнæ донæй
Электрон донцъирæнтæ ахуыссын кодтой энергетиктæ, хъæуы цæрджытæ хæс кæй дарынц, уымæ гæсгæ. Иумæйаг хæсы бæрц у – 800 мин сомæй фылдæр. Адæмæй бирæтæн сæ бон коммуналон лæггадæн фидын нæу. Хъæуы цæры мин æмæ 500 адæймаджы бæрц. Сæ фылдæр пенсиисджытæ æмæ æгуыст адæм. Ныртæккæ уал Цæлыччы дон фæзынд, фæлæ цас рæстæгмæ, уый бæрæг нæу.

Иу боцкъайы æмæ флягæйы дон 2 боны фаг дæр нæ кæнынц, хъаст кæны Дыгуры Розæ. Хъæуы мигæнæнтæ ныхсын, хæдзары бафснайын, хæринаг скæнын. Кърантæй дон къуырийæ фылдæр нæ кæлы. Ласынц æй сыхаг хъæутæй. Сылгоймаг иунæгæй цæры, æххуыс ын кæнынц йæ сыхæгтæ.

Дыгуры Розæ: «Тынг тухæнтæ кæнæм. Ам цæрын 55-æм азæй. Ахæм хабæрттæ нæм иу 6 азы сты. Тыхсæм. Нæ сыхæгтæ куы фæцæуынц донмæ, уæд мын уыдон æрбаласынц дон».

Æнæ донæй тыхсынц Цæлыччы скъолайы дæр. Хæрæндон у æхгæд, сывæллæтты аходæнæй æххæст кæнын сæ бон нæу. Уæдæ, куыд æмбæлы, афтæ бафснайыны фадат дæр нæй.

Æлборты Радмилæ, Цæлыччы скъолайы ахуыргæнæг: «Кæд уыцы уавæр хистæркъласонты тынг нæ тыхсын кæны, уæд нæм ис райдиан скъола. Уыдон 5 сахатмæ вæййынц скъолайы, æмæ æнæ сихор бахæргæйæ уыдон сæ бон уый бæрц бафæразын нæу. Кæм сæ ауадзын фæхъæуы, кæм семæ æрбахæссынц. Дыккаджы та æфснайын нæ бон нæу. Сывæллæттæ рыджы фæбадынц. Не `мбæлы афтæ кусын».

Æнæ донæй хъæуы цард цыма æрлæууыд, афтæ у. Сывæллæтты рæвдауæндон нæ кусы, зындзинæдтæ æвзарынц амбулаторийы кусджытæ дæр.

Цæлыкмæ дон хæццæ кæны 2 донгуырæнæй. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, донцъирæнты куыст мæй цалдæр хатт æрлæууын кæнынц. Ахæс уавæры ис сыхаг хъæуты – Рпздзоджы æмæ Зæронд Бæтæхъойы дæр. Уымæ гæсгæ дон ласын фæхъæуы Хуымæллæгæй кæнæ Беслæнæй.

Хъæуы дон нæй, цæрджытæ энергетиктæй хæс кæй дарынц, уый тыххæй, зæгъы бынæттон администрацийы сæргълæууæг. Бафидын хъæуы 800 мин сомы бæрц. Санахъоты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, хæсæн йæ фылдæр хай æрæмбырд цалдæр азмæ. Цæрджытæн уый бæрц бафидын сæ бон нæу. Цæлыччы цæры мин æмæ 500 адæймаджы бæрц. Сæ фылдæр – пенсиисджытæ æмæ æгуыст адæм.

Санахъоты Эдуард, Цæлыччы бынæттон администрацийы сæргълæууæг: «Æз куы æрлæууыдтæн хъæуы сæргъы, уæдæй нырмæ махæн хæс нæй. Ныртæккæ мыл ис 62 мин сомы, ратдзыстæм сæ ныр. Фæлæ зæронд хæс мæнæн мæ бон бафидын нæу. 800 мин сомы сты, æмæ сын цы кæнон, уый нæ зонын».

Рахизфарсы районы ацы уавæры тыххæй зонынц. «Цæгаткавказэнерго»-имæ бадзырд бафыстой, цæмæй хæс дихгай бафидыны фадат уа, уый тыххæй. Ныртæккæ Цæлыччы дон фæзынд. Фæлæ цасмæ, уый зын зæгъæн у. Уымæн æмæ хæс уæддæр цæрджытæн сæхи бафидын хъæудзæн.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania