Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонмæ гæсгæ, 6 æм июны Челябинскы арæзт æрцыди æппæтуæрæсеон форум «ЖКХ – новое качество». Архайдта дзы Цæгат

Цы фарстатæ дзы рахастой форумы архайджыты размæ, æмæ цы хатдзæгтæ скодтой, уыдоныл æрдзырдтй «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайады æмбырды. Форум уыди ахадгæ, уымæн æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады фарстатæ нæ республикæйы сты актуалон. Форумы куысты уыди цалдæр фæзы, æмæ дзы ныхас цыди адæмы æппæтæй тынгдæр цы фарстатæ тыхсын кæнынц, уыдоныл. Се хсæн: лæггæдты тарифтæ кæй уæлдæр кæнынц, уый, сæ фиддонтæ, хæдзæртты хицæутты æмæ разамынддæттæг компаниты æмгуыстад, цæрæн фонды рацарæзт, æмæ бирæ æндæртæ. Нæ республикæйы минæвæрттæ дзы цы фæндонтæ бахастой, уыдон нымад æрцыдысты хорзыл, æмæ хаст æрцыдысты резолюцийы проектмæ. Ныр сæм æркæсдзысты федералон æмвæзадыл.
