филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:06 суббота, 28 июня 2025
30 ноября 2016, 19:35
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзты æмæ æххуысы федералон фондæй Цæгат Ирыстон райста 60 милуан сомы

Схардз сæ кæндзысты ног хæдзæртты арæзтадыл, æмæ кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, уыдоныл. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой республикæйы хицауады æмбырды. Стыр æргом аздæхтой бынæттон хиуынаффæйады оргæнты хæрдзтæм.

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзты æмæ æххуысы федералон фондæй Цæгат Ирыстон райста 60 милуан сомы
Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады рацарæзты æмæ æххуысы федералон фондæй Цæгат Ирыстон райста 60 милуан сомы.
Схардз сæ кæндзысты ног хæдзæртты арæзтадыл, æмæ кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, уыдоныл. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой республикæйы хицауады æмбырды. Стыр æргом аздæхтой бынæттон хиуынаффæйады оргæнты хæрдзтæм. Бæлвырддæр та Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен загъта, разы кæй нæу уыцы хъуыдыимæ, ома алы аз дæр сын цы сæдæ æстай авд мин сомы радих кæнынц, уыдон фаг нæ вæййынц сæ районы хæххон районты администрацитæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Алагиры район бацархайдта æппæт мадзæлттæ саразыныл, хæххон хъæуты административон фарстатæ алыг кæнынæн. Фæлæ нырма бакусинæгтæ бирæ сты. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Сохъуырты Альберт радзырдта, фæззыгон-зымæгон рæстæг куыд цæуы, уый. Ныры онг уал уыд дыууæ къуылымпыйы. Иу – Дзæуджыхъæуы, иннæ та Уæллаг Фыййагдоны. Æнæ хъармæй баззадысты 560 фатеры цæрджытæ. Уæлдай цæстдард цæуы Æрыдоны хъармгæнæнмæ. Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
Икъаты Русланбег, РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурон политикæйы министр: «Цы фарстатæм кастыстæм, уыдонæй ахсджиагдæр у æрыгон бинонтæн æххуыс кæнын. Республикæ сын æххуыс кæны æмæ сын фиды субсидите 10%. Цæмæй сæ фадæттæ фæхуыздæр кæной. Раздæр ацы хцайæ сæ бон уыд æрмæстдæр фыццаг фиддон бафидын. Ныр та сæ бон у кредит сæхгæнын дæр, кæнæ дзы хæдзары æндæр хъæугæ хъуыддаг скæнын. Мæнæ «Незавершенный строительство» кæй хонæм, уыцы объекттæ 2018 азмæ хъуамæ сæххæст кæнæм. Объекттæ адих кодтам 3 къордыл: кæронмæ сæххæст кæнын кæй хъæуы, эксплуатацимæ кæй радтой, фæлæ ма сæ гæххæттытæ кæмæн хъæуы бацæттæ кæнын æмæ бирæ азты æрдæгарæзтæй чи лæууы, æмæ сфыссын кæй хъæуы, уыдон. Уыцы уынаффæ абон рахастам. Къамис сарæзтам æмæ йæ куыст кæндзæн».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania