филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:23 вторник, 16 декабря 2025
26 марта 2014, 16:55
Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады реформæ Цæгат Ирыстоны цæуы къулымпытимæ, адæм не ууæндынц разамындæттæг компанитыл

Уый тыххæй пресс-конференцийы абон фехъусын кодта æнæкоммерцион организаци «цæрæнуæтты æмбалады республикон ассоциацийы» сæрдар Рæмонты Руслан. Дзырдта дзы æндæр хъæндзинæдтыл дæр. Адæм æвзæр зонынц сæ бартæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ та реформæйы тыххæй фаг нæ дзурынц.

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады реформæ Цæгат Ирыстоны цæуы къулымпытимæ, адæм не ууæндынц разамындæттæг компанитыл.

Уый тыххæй пресс-конференцийы абон фехъусын кодта æнæкоммерцион организаци «цæрæнуæтты æмбалады республикон ассоциацийы» сæрдар Рæмонты Руслан. Дзырдта дзы æндæр хъæндзинæдтыл дæр. Адæм æвзæр зонынц сæ бартæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ та реформæйы тыххæй фаг нæ дзурынц. Фæлæ программæ уæддæр кусдзæн. Æппæтæй хуыздæр цæрæнуæтты-коммуналон рацарæзтыл кусынц Мæздæджы районы. Уым лæггæдты хæс у æппæтæй къаддæр. Республикæйы цæрæнуæтты Фондæн дзуапп дæтдзысты цæрджытæ сæхæдæг æмæ, цы разамынддæттæг компанитæ равзæрстой, уыдон. Цæгат Ирыстоны дзы кусы 200-йæ фылдæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania