Рæстæгмæ дзы æрæхгæдтой Хуссар æмæ Цæгатагварсы фæндæгтæ транспортæн æмæ фистæгæйцæуджытæн
Цæгæр хохы территорийыл алы сезоны дæр чи кусдзæн, уыцы фидæны парчы дарддæр цæуынц арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ. Рæстæгмæ дзы æрæхгæдтой Хуссар æмæ Цæгатагварсы фæндæгтæ транспортæн æмæ фистæгæйцæуджытæн. Специалисттæ ауындзгæ фæндаджы 12 цæджындзæн ныридæгæн скодтой бындур. Хæстæгдæр рæстæг сын райдайдзысты монтаж кæнын. Бауагътой дзы æппæт коммуникацитæ. Цæгæр хохыл фыццаг хатт фæзындзæни центрон электрон тыхдæттæн фæрæз дæр. Кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн системæйы арæзтад. Бацæттæ кодтой, афæлгæсæн кæцæй уыдзæни, уыцы бынатæн сæрмагонд фæз. Ныккодтой дзы 3 сæдæ кубометры бетон. Февралы райдиан Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты Красноярскæй специалисттæ æмæ монтаж скæндзысты кусæнгæрзтæн. Къахдзоныгътыл бырæн трассæ дæр зæгъæн ис, æмæ у цæттæ. Ацы аз ма фæнд кæнынц фысымуаты арæзтад райдайын дæр. Йæ проектон-сметон документаци у цæттæ.




