Нæ республикæйы делегацийы сæргъы уыд экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерлан
Цæгат Ирыстон архайдта Æппæтадæмон туристон равдыст EXPOTRAVEL-2025-ы Екатеринбурджы. Нæ республикæйы делегацийы сæргъы уыд экономикон рæзты министры хæдивæг Хлойты Тамерлан. Бацæттæ кодтой дыууæ стенды. Фыццаг баст уыд сывæллæтты туризмы Центримæ. Дыккагыл та бакуыстой туроператортæ. Уралы турбизнес нæ республикæимæ активонæй фæнд кæны æмгуыстад кæнын. Форумы программæ æххæст кæнгæйæ, Хлойты Тамерлан фембæлд æртæ авиакомпанийы минæвæрттимæ. Ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы æмæ Екатеринбурджы хсæн авиабастдзинад сног кæнын. Уыцы рæстæг Цæгат Ирыстоны туроператортæн уыд цалдæр фембæлды, æмæ бафыстой цалдæр бадзырды. Уыдонмæ гæсгæ арæзт цæудзысты иумæйаг туртæ. Куыд къордгай, афтæ индивидуалон программæтæм гæсгæ. EXPOTRAVEL у ахсджиаг цау туризмы къабазы. Традицимæ гæсгæ байгом кæны фæззыгон-зымæгон туристон сезон. Алы аз дæр дзы фæархайынц 120 адæймаджы. Се хсæн фæсарæйнаг бæстæты минæвæрттæ, Уæрæсейы регионтæ, егъау туроператортæ, авиакомпанитæ æмæ фысымуæттæ.




