филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:16 воскресенье, 01 февраля 2026
15 сентября 2022, 10:44
Цæгат Ирыстон архайы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объектты æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны ахуырты

Ахуырты хатдзæгтæм гæсгæ, дзуаппдæттæг ведомствæ скæндзæн куыстыты анализ, стæй æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджыты архайдæн скæндзысты аргъ

Цæгат Ирыстон архайы Цæгат-Кавказы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объектты æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны командон-штабон ахуырты. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, æнæнхъæлæджы цауты министрады специалисттæм байхъуыст информаци, зæгъгæ, Дзæуджыхъæуы Магкæты Зурабы уынджды 83-æм хæдзары æрцыд зынгсирвæзт. Йæ аххосаг электрон дæлстанцæйы телтæ кæрæдзиуыл кæй андзæвыдысты, уый. Зынгсирвæзт бахъыгдæрдта 4 сæдæ квадратон метрæй фылдæр. Уыимæ ма дзы акалди трансформаторы артаг дæр. Трансформаторæн йæ тых у 10 мин киловатты. Фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл специалисттæ бацархайдтой иумæйаг тыхтæй. Уый иу, фæлæ ма æвæстиатæй хъуыди цæрджытæн фехъусын кæнын дæр. Адæмы ракæнын хъуыди рæстæгмæйы бынæттæм, æмæ сæ хойрагæй æмæ хостæй сифтонг кæнын. Ахуырты хатдзæгтæм гæсгæ, дзуаппдæттæг ведомствæ скæндзæн куыстыты анализ, стæй æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджыты архайдæн скæндзысты аргъ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania