Адæмон фронты минæвæрттæ æрвитынмæ æмбырд кæнынц хъæугæ дзаумæттæ
Цæгат Ирыстон дарддæр æххуыс кæны Курскы облæстæн. Адæмон фронты минæвæрттæ æрвитынмæ æмбырд кæнынц хъæугæ дзаумæттæ. Хæстæгдæр рæстæг гуманитарон æххуыс фæхæццæ кæндзысты регионмæ. Хæрзаудæн акцийы ахадгæйæ архайынц амалхъом адæм. Сæмбырд кодтой Курскы облæсты сывæллæттæн комплекттæ скъолайæн хъæугæ дзаумæттимæ æмæ хъазæнтимæ. Се вæрæн бахастой республикæйы цæрджытæ дæр. Афтæ Московскийы уынджы хæдзæрттæй иуы цæрджытæ сæмбырд кодтой уæлæ æмæ къахыдарæс сывæллæттæн æмæ хистæртæн, стæй чингуытæ. Адæмон фронты минæвæрттæ куыд загътой, афтæмæй Курскы облæсты адæмы рыст бирæтæ айстой сæхимæ. Алчидæр архайы йæ бон цæмæй у, уымæй баххуыс кæныныл. Ацы куыст æххæстгонд цæудзæн дарддæр дæр.




