Уый тыххæй Сергей Меняйло загъта академийы ректор Алексей Комиссаровимæ фембæлды
Цæгат Ирыстон дарддæр дæр фæнд кæны Президенты раз адæмон хæдзарады æмæ паддзахадон службæйы Уæрæсейаг академиимæ æмгуыстад фидардæр кæнын. Уый тыххæй Сергей Меняйло загъта академийы ректор Алексей Комиссаровимæ фембæлды. Республикæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй академи нымад у, разамонæг кадртæ æппæты хуыздæр чи цæттæ кæны, ахæм ахуыргæнæндоныл. Президенты академийы губернаторты скъолайы сахуыр кодтой Уæрæсейы регионты разамонджытæн сæ фылдæр. Федералон æмвæзады разамонджытæй бирæтæ сæ зонындзинæдтыл бафтыдой академийы фæрцы. Ныртæккæ йæ бындурыл æххæст кæнынц программæ Хъæбатырты рæстæг. Фембæлды ма дыууæ разамонæджы баныхас кодтой, Цæгат Ирыстоны академийы минæварад кæй байгом кæндзысты, ууыл.




