Ацы хатт Æхсæуæй Донбассмæ арвыстой нуазыны дон
Зæрдиаг æххуыс. Цæгат Ирыстон дарддæр йе вæрæн хæссы, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысс бакæныны акцимæ. Ацы хатт Æхсæуæй Донбассмæ арвыстой нуазыны дон. Проекты ма бацархайдтой Уæрæсейы æндæр регионты минæвæрттæ дæр. Фыццаг парти арвитыны бон завод бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къод дæр.
Æвдадзы хос, удæгас адæймагæн! Уыцы хорздзинадæй, радон хатт, Ирыстоны дон уадзæн завод фæхайджын кодта Донбассы цæрджыты. Дыгургомы хæххон хъæу Æхсæуæй уал сæм фæхæццæ 20 тоннæйы дон. Ныртæккæ бæстæйы цæрджытæй бирæтæ æййафынц хъуагдзинад ацы æрдзон лæварæй.
Æхсæуы цъитийы дон уадзæн заводы кусджытæ æмбарынц сæ ацы хæрзаудæн хъуыддагæй цас адæмæн бакæндзысты ахсджиаг æххуыс, уый. Егъау акцийы фæрцы, йæ аразджытæ фæнд кæнынц донæй æфсадын Донбассы сывæллæтты. Ай уыд æххуысы фыццаг къæпхæн, заводы разамынд куыд зæгъы, афтæмæй егъау акци цæудзæн афæдзы дæргъы дæр.
Ныртæккæ доны ахадындзинад æмбаргæйæ, донæй хъуаг æййафджытæн баххуыс кæнынмæ се вæрæн хæссынц Цæгат Ирыстоны Алагиры район, стæй горæттæ Каспийск æмæ Астрахань. Афтæмæй, иумæйаг хъарутæй, æнтысы бирæ регионты сæрты æрдзон хорзæх фæхæццæ кæнын, царды зын уавæрты бахауæг сывæллæттæм, сæ ныййарджытæм.
Дон – царды хос кæй у, ууыл хъуыды кæнгæйæ арæзт æрцыд ацы хæрзаудæн проект. Йæ саразджытæй уырны акцийы бацархайын кæй бафæнддзæн Уæрæсейы бирæ регионты. Заводы разамынды фæнды ацы фарстайы фæдыл æмгуыстад кæнын æхсæнадон, фæсивæдон, бархионты организацитимæ. Æнæ донæй цардархайдæн уæвæн кæй нæй, адæймагæн та цæрæн, уый хъуамæ æмбара алы адæймаг дæр.
Уæвгæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, цæрджытæн æхсджиаг æмæ хъæугæ у алывæрсыг æххуыс дæр. Ацы хатт сын сæ зæрдæтæ барухс кæндзæн Цæгат Ирыстоны бæрзон цъититæй цæуæг сыгъдæг дон. Йæ тых сын хъуамæ радта ныфс расугъд фидæнмæ цæуынæн.




