филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 воскресенье, 01 февраля 2026
25 января 2024, 11:32
Цæгат Ирыстон фæстаг цалдæр боны йæ цæрджыты рæвдауы æцæг зымæгон боныхъæдæй

Сывæллæттæ зæрдиагæй тезгъо кæнынц уарзондæр фæлладуадзæн бынæтты

Цæгат Ирыстон фæстаг цалдæр боны йæ цæрджыты рæвдауы æцæг зымæгон боныхъæдæй. Сывæллæттæ зæрдиагæй тезгъо кæнынц уарзондæр фæлладуадзæн бынæтты. Уыимæ арæх семæ абалц кæнынц сæ ныййарджытæ дæр. Уæвгæ та ахæм зæрдæмæдзæугæ бынæттæ Дзæуджыхъæуы ис цалдæр. Уæлдай бирæ адæм дзы вæййы изæрыгон. Горæты цæрджыты цины æнкъарæнты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Сывæллæтты зæлланг хъæлæстæ, мидбылхудт æмæ, цæргæбонты кæй нæ ферох кæндзысты, ахæм мысинæгтæ. Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы кæрты цы къуыбыр ис, уый ацы бонты йæхимæ лвасы æппæт скъоладзауты. Куыд кæстæрты, афтæ хистæр кълæсты ахуырдзауты. Зæгъæм, 8-æм къласы ахуыргæнинаг Сасиаты Сæрмæт йе мбæлттимæ сфæнд кодта митыл ацин кæнын æмæ дзы ахъазын. Йæхæдг куыд зæгъы, афтæмæй тынг æнхъæлмæ касти ахæм боныхъæдмæ. Æмæ йæ суанг сæхимæ цæуын дæр нал фæндыди.

Ахæм къуыбыртæ ис бирæ скъолаты кæртыты. Урокты фæстæ лæппутæн æмæ чызджытæн, зæгъæн ис, æмæ райдайы дыккаг фæлтæр. Сæхимæ цæуын сæ никæйы фæнды.  Чи дзоныгътæ æрбахæссы йемæ, чи æндæр зымæгон ирхæфсæн фæрæзтæ. Чи та, йæ къухы цы бафты, уый райсы. Уæвгæ, зымæгон хъæзтытæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ тынг нæ ивынц. Уымæн æвдисæн ацы фæсивæд дæр. Уæлдай уарзондæр ран та дзæуджыхъæуккæгтæн зымæгон вæййы Сапицкийы фæлладуадзæн бынат. Ам æрæмбырд вæййынц æнæхъæн бинонтæй. Суанг ма хистæртæ дæр сæхи аирхæфсынц, æмæ æрымысынц сæ сабибонтæ.

Александр ГОрлов ардæм æрбацыд йæ сывæллæттимæ æмæ æмбæлттимæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ма сывæллон куы уыди, уæд уарзта ам тезгъо кæнын. Бирæ рæсугъд мысинæгтимæ йын баст у ацы бынат.

Адæм æмбырд кæнынц, Попов Хутор кæй хонынц, уыцы микрорайоны дæр. Ам ис митæй æмбæрзт быдыр. Къуыбыртæ дзы нæй, фæлæ дзоныгътыл бырыны æмæ миты къуыбæрттæй ахъазыны фадат ис. Музаты бинонтæ ахæм хуызы фæллад уадзын уарзынц. Чысыл Зауырбег сахатгай фæбады дзоныгъы, йæ фыд Алан та йæ ралас-балас фæкæны.

Иу уарзон бынат ма дзæуджыхъæуккæгтæн у нæ зындгонд æмзæххон, æфсæддон разамонæг Плиты Иссæйы цыртдзæвæны цур стыр къуыбыр. Ардæм адæм æрбацæуынц горæты алы рæттæй. Уæлдайдæр та изæрыгон æмæ фæлладуадзæн бонты ацы бынат свæййы къахдзоныгътыл бырыны трассæйы хуызæн.

Алчидæр æй бафиппайдта, фæстаг азты Цæгат Ирыстоны бирæ мит кæй нал æруары, уый. Уымæ гæсгæ адæм тынг зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц ахæм æцæг зымæгон бонтæм. Уæд нæ республикæйы алы район дæр урс-урсид адары, æмæ вæййы уæлдай рæсугъд. Æмæ алкæмæндæр фадат вæййы зымæгон алæмæты диссæгтæ банкъарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania