Артаг-энергетикон комплексы æмæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады цæттæдзинадыл хъармгæнæн сезонмæ ныхас цыди сæрмагонд штабы æмбырды
Цæгат Ирыстон фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ у 94%. Артаг-энергетикон комплексы æмæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады цæттæдзинадыл хъармгæнæн сезонмæ ныхас цыди сæрмагонд штабы æмбырды. Амыдта йæ Дзанайты Барис. Премьер фæнысан кодта, æппæт объекттæ цæттæ кæй сты, уыцы пасторттæ райсыны æмгъуыд. Хъармæй ифтонг кæныны хызты æмгъуыд у 1-æм ноябрь, районтæн та 15-æм ноябры онг. Фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ уæвыны тыххæй дзуаппдæттæг куыстуæттæ хъуамæ æрвылкъуыри дæр бæрæггæнæнтæ хæссой республикон штабмæ. Аиппдзинæдтæ иуварс кæныны тыххæй та Дзанайты Барис бахаста фæндон, цæмæй специалисттæ бахъуаджы рæстæгмæ бацæттæ кæной материалон-техникон æвæрæнтæ, снысан кæной кусæг бригадтæ æмæ сæрмагонд техникæ.




