Фæлладуадзæн сезоны агъоммæ эксперттæ анализ скодтой сæрмагонд балцытæн, æмæ скодтой рейтинг
Цæгат Ирыстон хаст æрцыд Уæрæсейы æппæты цымыдисагдæр сæрдыгон турты хыгъдмæ. Фæлладуадзæн сезоны агъоммæ эксперттæ анализ скодтой сæрмагонд балцытæн, æмæ скодтой рейтинг. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы информацион агентад РИА Новости. Афтæ Цæгат Ирыстонмæ фототур æмæ астросъемкæты ахуырад бацахста 6-æм бынат. Профессионалон къамисджытæ туристты ахуыр кæнынц арв æмæ стъалытæ раст исын, – фæбæлвырддæр кодтой эксперттæ. Хъæрæсе-Черкесийы курорт «Архыз» та ацы рейтингы ис фыццаг бынаты. Туристтæн фадат ис дыууæ мин метры бæрзæнды арв æмæ стъалыты гуыппар фенынæн. Рейтингы ма сты алыхуызон туртæ сакъадахтæм, Камчаткæмæ, Цæгатаг Ихджын Фурдмæ æмæ æндæр цымыдисаг бынæттæм.




