филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
01 декабря 2020, 12:56
Цæгат Ирыстон йæ традицитæм гæсгæ цымыдисаг у архитектортæн æмæ истори иртасджытæн

Ам алы рагон хъæуы цур ис цалдæргай уæлмæрды

Нæ рагфыдæлтæй – абонмæ. Цæгат Ирыстон йæ традицитæм гæсгæ цымыдисаг у архитектортæн æмæ истори иртасджытæн. Ам алы рагон хъæуы цур ис цалдæргай уæлмæрды. Се ппæт федералон, кæнæ регионалон ведомствæты бæрны не сты, æмæ сæ уымæ гæсгæ ничи цалцæг кæны. Фæлæ ис ахæм адæм, ивгъуыды традицитæ чи хъахъхъæны. Зæгъæм, цалцæг кæнынц 14-15 æнусты арæзт зæппæдзтæ. Афтæ иу къорд бархионы сног кодтой Дзывгъисы хохы фахсыл 3 дзæппазæй иу. Бархионты архайдимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд дæр.

Алæджыхъоты Сослан дзуры хохы фахсыл ацы стæгдартæ кæй апырх сты 38 азы размæ. Бынæттон цæрджытæ уый тыххæй зыдтой, фæлæ уый фæдыл никæйы батыхсын кодтой. Уымæн æмæ Дзывгъисы зæппадзтæ нæ хауынц нæ дæр федералон, нæ дæр регионалон культурон цыртдзæвæнтæм. Ам цалцæггæнæн куыстытæ кæнын иу ведомствæйы бон дæр нæу. Уымæ гæсгæ 14-15 æнусты арæзт 3 дзæппазмæ зилынц бархионтæ. Алыварс цы стæгдартæ ссардтой, уыдон та сæвæрдтой камерæтæй иуы. Активисттæ куыстой сæ фæлладуадзæн бонты. Æмæ уал уазæлтты ралæудмæ базылдысты иу рагондæр дзæпазмæ. Иннæ 2-йы та куыстытæ сног кæндзысты уалдзæджы.

Хохы фахсыл арæзт дзæппæзтæ хицæн кæнынц иннæтæй. Дæрдзæф кæй сты, уымæ гæсгæ сæм фос æмæ адæймаг дæр зынтæй ссаудзысты. Дæлдæр цы зæппæдзтæ ис, уыдон фæстæдр арæзт уыдысты, адæймаг сæм æнцонтæй бацæудзынæ, уымæ гæсгæ сæ къахгæдæр фæкæнынц
Хохы цъасыл чи ис, уым та кæй зæгъынæй хъæуы абоны æнусмæ хъахъхъæд æрцыдысты рагфыдæлты хицæн дзаумæттæ

Цымыдисаг хæдзары æмæ уæлæдарæсы дзаумæттæ, кæцытæ ссардтой цалцæггæнæн куыстыты рæстæг лæвæрд цæудзысты республикæйы национ музеймæ. Ам равæрдтой Алайнаг культурæйæ æнæхъæн æкспозици.

Национ музейы директор Цогойты Батраз зæгъы, зицæн дзаумæттæ музейæн кæй балæвар кодтой республикæйы цæрджытæ. Фæлæ, хъыгагæн истори æмæ культурæйæн ахсджиаг чи сты, уыцы дзаумæттæ бахауынц чъизикъух адæммæ. Скифаг фæрæттæ, хæцæнгарз æмæ уæлæдарæсы хæйттæ. Æппæт ацы хæзнатæ баззайынц хицæн адæмы коллекциты. Уыцы иу рæстæг ма цæхæгæр лæууы æнæхъæн архитектурон цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны фарста дæр.

Рагон æгъдæуттæм гæсгæ марды зæпадзы кæй æвæрдтой, уый канд традици нæу, фæлæ ма йын ис стыр архитектурон нысаниуæг. Бынаты цы хæзнатæ ссардæ уыд, уыдон та тагъд рæстæджы фенæн уыдзæн национ музейы экспозициты хсæн

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania