филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:40 понедельник, 13 мая 2024
09 марта 2022, 13:27
Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны парламентмæ, стæй муниципалитетты æмбырдгонды минæвæртты æвзæрстытæм

Парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады фехъусын кодтой Праймеризы процедурæйы райдайыны тыххæй

Цæгат Ирыстон йæхи цæттæ кæны парламентмæ, стæй муниципалитетты æмбырдгонды минæвæртты æвзæрстытæм. Парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады фехъусын кодтой Праймеризы процедурæйы райдайыны тыххæй. 23 майæ  29 -æммæ ацæудзысты рагагъоммæ хъæлæс кæныны мадзæлттæ. Партийы кæцы минæвæртты бон бауыдзæн бацархайын æвзæрстыты, уый сбæрæг кæнын у алкæйы бон дæр Иугонд Уæрæсейы сайтмæ бацæугæйæ.  Праймеризы архайджытæ гæххæттæ исын райдадзысты абон. Рагагъоммæ хъæлæс кæныны оргкомитеты æмбырды политиктæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй  ахсджиаг у æвзæрстытæ æргом куыд уой, уый. Уыимæ дзы фылдæр кандидаттæ куыд бацархайа. Цæмæй сентябры æвзæрстыты рæстæг республикæйы цæрджытæн фадат уа хуыздæрты хуыздæры равзарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania