филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:56 суббота, 06 декабря 2025
06 декабря 2025, 09:50
Цæгат Ирыстон ногæй æрлæууыд спортивон гимнастикæйæ æппæтуæрæсеон ерысты уæлдæр къæпхæныл

Республикæйы æвзонг чемпионтæ рамбылдтой 4 сызгъæрины æмæ иу æвзист майдан, стæй ма ноджыдæр 3 призон бынаты Мæскуыйы

Стыр ерыс æмæ иттæг хорз хатдзæгтæ. Цæгат Ирыстон ногæй æрлæууыд спортивон гимнастикæйæ æппæтуæрæсеон ерысты уæлдæр къæпхæныл. Республикæйы æвзонг чемпионтæ рамбылдтой 4 сызгъæрины æмæ иу æвзист майдан, стæй ма ноджыдæр 3 призон бынаты Мæскуыйы. Хуыздæры ном райсыныл архайдтой 200 спортсменæй фылдæр. Æвзонг уæлахиздзауты тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Ерыстæ аивгъуыдтой, райдыдта рæдыдтытыл куыст. Æвзонг спортсментæ республикæмæ сластой зынаргъ хæрзиуджытæ. Гуыбаты Владиславы гимнастикæйы залмæ 4 азы размæ æрбахуыдта йæ мад. Алы ног тренировкæйы фæстæ лæппуйæн ацы спорты хуыз йæ зæрдæмæ тынгæй тынгдæр цыд. Фыццаг бынат бацахста командон хыгъды æмæ йæхæдæг хицæнæй.

Владиславимæ иумæ уыд Степан Погодин дæр. Фыццаг хатт ацыд ерыстæм æмæ рамбылдта сызгъæрин майдан командон хыгъды.  Гимнастикæмæ æрбацыд 2 азы размæ. Кæд хæрзæрыгон у, уæддæр æм ис стыр спортивон фæндтæ.

«Гимнастикæйы Лигæ»-йы фыццаг къæпхæн ацыд Волгограды. Уым Цæгат Кавказы Федералон зылды регионты спортсменты *хсæн Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ нымад æрцыдысты хуыздæртыл. Стыр финал та арæзт æрцыд Мæскуыйы. Архайдтой дзы 2 мин спортсмены бæстæйы алы регионтæй. Республикæйæ абалц кодтой алы кары сывæллæтæй арæзт 3 командæйы. Æвзонг атлеттæ рамбылдтой 5 майданы: 4 – сызгъæрины æмæ иу æвзист, стæй бацахстой 3 призон бынаты. Хистæр тренер Карэн Данилянц тынг разыйæ баззад ерысты хатдзæгтæй.

«Гимнастты Лигæ»-йы Цæгат Ирыстоны атлеттæ архайынц фæд фæдыл 4 азы,  æмæ традицимæ гæсгæ сласынц хæрзиуджытæ. Æнтыстджынæй ерыс фæкæнынц бæстæйы раззагдæр скъолатимæ. Уымæй равдисынц, æвзонгæй дæр æцæг спортменты миниуджытæй хайджын кæй сты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania