Ахæм уынаффæ бафыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин
Цæгат Ирыстон райсдзæн 285 милуан сомы сæрмагондæй адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивынæн. Ахæм уынаффæ бафыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Федералон центр æххуыс кæны регионтæн, адæмы кæлæддзаг цæрæнуæттæй ногтæм раивыны хъуыддаджы, стæй æнцонвадат инфраструктурæ саразыны. Уыцы нысантæн резервон фондæй радих кодтой 19 миллиарды æмæ 500 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ бахынцтой 2022–2023-æм азты бюджеты, фæлæ сæ регионтæм арвыстой ныртæккæ. Нысанмæ арæзт республикон программæмæ гæсгæ 2025-æм азы 1-æм сентябрьмæ хъуамæ ног цæрæнуæтты æрцæрой 1120 адæймаджы, æдæппæтæй 419 фатеры. Афтæмæй фехалдзысты 19 мин кæлæддзаг квадратон метры. Уый та у 35 бирæфатерон зæронд хæдзары. Программæйы архайынц Дзæуджыхъæу, Дыгуры район, Мæздæг æмæ Рахизфарсы район.




