Уыдонæн стыр æххуыс сты, республикæйы районты хъæуты цы «Точка Роста»-йы къабинеттæ байгом кодтой, уыдон
Цæгат Ирыстон стыр къахдзæф акодта, IT-технологитæ кæй хонынц, уыдонæй пайда кæныны хъуыддаджы. Уыдонæн стыр æххуыс сты, республикæйы районты хъæуты цы «Точка Роста»-йы къабинеттæ байгом кодтой, уыдон. Æххæст сты нырыккон техникæйæ æмæ гæнæнтæй. Сывæллæттæн дзы фадат ис, райдай 3D-фыссæнгæрзæтæй æмæ фæу квадрокоптертæй, архайынæн. Сæ уавæртæ сын федта Сосранты Жаннæ æмæ йын ныхасы бар.
Цыколайы фыццæгæм скъолайы ахуырдзаутæ цин кæнынц сæхи къухтæй цы роботтæ æрæмбырд кодтой, уыдоныл. Хъæуккаг скъоладзауæн ахæм уавæртæ искуы фæзындзæн, ууыл æрæджы дæр ма бирæтæй нæ уырны, ныр сабитæн ис фылдæр гæнæнтæ сæ зондахаст фæхъæздыгдæр кæнынæн.
Куыд дарддæр, афтæ фылдæр. Сывæллæттæ цин кæнынц сæ ног зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтыл.
Уæдæ уæлдай ныхасы аккаг та у, цы пресс центр дзы кусы, уый. Цы бирæ гæнæнтæ сæм ис, уыдоны фæрцы та зонгæ кæнынц журналистты куысты сусæгдзинæдтимæ.
Куыд алы хъуыддаджы, афтæ ам дæр йæ райдиан куыд зын уыд, йæ дарддæры архайд, та уыйбæрц æхцондзинад хæссы куыд ахуырдзаутæн, афтæ ахуыргæнджытæн дæр.
«Точка Роста»-йы къæбинетты ма сæ уроктæ фæцымыдисагдæр кæнæн ис иннæ предметты ахуыргæнджытæн дæр, æмæ дзы ам пайда кæнынц.
Зæгъын ма хъæуы уый дæр æма скъолайы сæргълæууæг Цæрикъаты Таймораз Точка Ростæйы къордты куыстмæ куыдфæндæйы цæстæй кæй нæ кæсы. Архайы йæ ахургæнджыты дæснйыад бæрзонддæр кæнынæн гæнæнтæ æмæ мадзæлттæ агурыныл.
Республикæйы районты хъæуты «Точка Роста»-йы кабинеттæ кæй фæзынд, уый стыр къахдзæф у фидæны кæстæрты зондахаст фылдæр кæнынмæ. Уымæн æвдисæнтæ, ныр дæр фенæн ис, фæлæ куыд фæзæгъынц-куыд дарддæр афтæ та фылдæр.




