18 января 2025, 10:31
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны Доныскъæфæнтæм
Уыцы бон бирæты бафæнды цæугæдоны хи цынайын æмæ афтæмæй йæхи Хуыцауыл бафæдзæхсын
Цæгат Ирыстон цæттæ кæны Доныскъæфæнтæм. Уыцы бон бирæты бафæнды цæугæдоны хи цынайын æмæ афтæмæй йæхи Хуыцауыл бафæдзæхсын. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад ныммыхуыр кодта, доныскъæфæнты хи цынайын цавæр цæугæдæтты уыдзæнис, уыдоны номхыгъд. Уыдон сты Бирæгъзæнджы аргъуаны, Хидыхъусы, нæлгоймæгты алайнаг моладзандоны, Алагиры, сылгоймæгты алайнаг моладзандоны, Троицкæйы аргъуаны æмæ Хохы Сагибайы аргъуаны. Уыцы бынæтты равæрдзысты хъармгæнæн пункттæ, рад хæсдзысты ирвæзынгæнджытæ æмæ дохтыртæ. Хи найæнтæ равæрдзысты аргъуанты мидæг. Уыдон сты Æрыдоны, Хъæдгæроны, Алагиры, Сечеры, Мæздæджы, Павлодольскæйы, Теркаг æмæ Луковскæйы станицæты аргъуанты.
темæмæ гæсгæ




