Туристтæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ рæзынц æргътæ дæр
Цæгат Ирыстон у мидтуризмы парахатдæр къабæзтæй иу. Профилон ведомствæты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уазджыты нымæцмæ гæсгæ фыццаг бынаты сты мæскуыйæгтæ – фæлладуадзджытæн сæ 15 проценты. Дыккаг бынаты – Цæцæны республикæйæ туристтæ – 11 проценты, æртыккæгтæ сты Стъараполы крайы цæрджытæ – 10, 5 проценты. Туристтæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ рæзынц æргътæ дæр. Уæлдайдæр уый сæхиуыл æнкъарынц Цæгат Ирыстоны æмæ сыхаг республикæты цæрджытæй, ардæм фæллад уадзынмæ чи æрбацæуы, уыдон. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Хæххон æфцæгтæ, цъæх дæлвæзтæ æмæ сыгъдæг цæугæдæттæ. Цæгат Ирыстонмæ æрвылаз цæуы фылдæрæй-фылдæр туристтæ Уæрæсейы алы регионтæй æмæ æндæр бæстæтæй. Уыимæ рæзынц лæггæдты, товарты æмæ цæрæнуæтты æргътæ дæр. Уæлдай тынг уыцы хъуыддаг банкъардтой бынæттон цæрджытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй хæхты фæллад суадзын ныр алкæйы бон нæу, абарæн æй ис денджызон курортимæ.
Туристты æмæ бынæттон цæрджыты уарзондæр фæлладуадзæн бынæттæй иу у Бирæгъзæнджы тæвд суадон. Фаронимæ абаргæйæ, бацæуыны аргъ фæбæрзонддæр æмæ ныр сси 500 сомы иу сахатæн. Бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уый сæ бюджетыл ахадгæйæ фæзынд, уæлдайдæр та баулæфынмæ стыр бинонтæй цæугæйæ. Фæлæ амалхъом адæймаг Махъоты Иринæмæ йæхи цæстæнгас ис ацы хъуыддагмæ. Фæлладуадзæн бынаты разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй æргъты рæзтимæ фæхуыздæр суадоны алфамбылай инфраструктурæ. Уымæй уæлдай ресурстæ дæр фæзынаргъдæр сты – доны кубометр срæзт 14-æй 49 сомы онг.
Цæгат Ирыстоны гидтæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы æргъты политикæимæ бæстæйы центрон горæттæй туристтæ разы сты. Фæлæ сыхаг республикæтæй æмæ Уæрæсейы чысыл регионтæй чи æрбацыд, уыдонæн туристон зонæты цæрæнуæтты æмæ товарты æргътæ зынаргъ сты.
Цæгат Ирыстоны ахадгæйæ рæзы бæхтыл тезгъо кæныны къабаз дæр. Ныртæккæ ахæм лæггадæй спайда кæнын ис республикæйы алы комы дæр. Бæлтайы бæхты клуб парахат у туристты æмæ бынæттон цæрджыты *хсæн дæр. Инструктор Михаил Андиашвилийы ныхæстæм гæсгæ, сын бантыст æргътыл фæхæцын, фæлæ иннæ аз сæ фæндты ис бæхтыл тезгъо кæныны аргъ фæбæрзонддæр кæнын.
Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй æргътæ бæрзонддæр кæнынц Уæрæсейы æппæт регионты дæр, уый баст у мидтуризмы ахадгæ рæзтимæ. Уыимæ туристтæн та ахсджиаг у, цæмæй нæ бæстæйы фæллад уадзын, фыццаджыдæр, уа æнцонвадат.




