19 июля 2023, 12:02
Цæгат Ирыстонæй нæ бæстæйы гæрзифтонг тыхты рæнхъытæ баххæст кодтой 700 æрыгон адæймаджы онг
Уæрæсейы кæронмæ æрхæццæ æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани
Уæрæсейы кæронмæ æрхæццæ æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани. Цæгат Ирыстонæй нæ бæстæйы гæрзифтонг тыхты рæнхъытæ баххæст кодтой 700 æрыгон адæймаджы онг. Сиддонты адих кодтой 4 æфсæддон зылдыл. Республикæйы æфсæддон комиссарад лæппуты арвыста уæлдæфон десантон æфсæдты, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады, стæй Уæрæсейы национ гвардийы дæлхайæдты службæ кæнынмæ. Уымæй дарддæр цæгатирыстойнаг сиддонтæ службæ кæндзысты æфсæддон-денджызон флоты дæр.
темæмæ гæсгæ