Прграммæйы 150 мадзалæй фылдæр
Цæгат Ирыстонæн ахсджиаг чи сты, ахæм бадзырдтæ, ахуырады, экономикæйы æмæ культурæйы къабæзты фыст æрцæудзысты Санкт-Петербурджы æппæтадæмон экономикон форумы. Прграммæйы 150 мадзалæй фылдæр. Стыр æргом дзы здæхт цæуы, дунеон æмæ уæрæсейаг экономикæйыл хорзырдæм чи ахады, ахæм къабæзты рæзтмæ. Форумы куысты архайынц 600 спикеры æмæ модераторы. Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министр Сокаты Марат куыд загъта, афтæмæй æнхъæлмæ кæсынц, УФ-йы транспорты министрадимæ, æмæ æнæкоммерцион организаци «Россия – страна возможностей»-имæ. Уымæй уæлдай, адæмты хæлардзинады университетимæ, Чувашийы республикæимæ, Ханты-Мансийскы автономон зылдимæ. Æппæтадæмон экономикон форум нымад у дунейы æппæты ахадгæдæр цаутæй иуыл, цæудзæн сабаты онг.
