27 июня 2023, 11:36
Цæгат Ирыстонмæ Белгороды облæстæй бауылæфынмæ ссыдысты 102 сывæллоны
Семæ ма ис 6 хистæр разамонæджы дæр
Цæгат Ирыстонмæ Белгороды облæстæй бауылæфынмæ ссыдысты 102 сывæллоны. Семæ ма ис 6 хистæр разамонæджы дæр. Уазджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг ирхæфсæн программæ санаторитæ Тæмискъ, Юность æмæ пансионат Урсдоны. Лæппутæм æмæ чызджытæм æнхъæлмæ кæсынц ирхæфсæн мадзæлттæ, историон æмæ зæрдылдарæн бынæттæм экскурситæ. 16-æм июны, Санкт-Петербурджы æппæтадæмон форумы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло информацион агентад РИА Новости-йæн радзырдта, Цæгат Ирыстон цæттæ кæй у, Запорожьейы облæсты Черниговы районы 750 сывæллоны суазæг кæнынмæ. Уымæй дарддæр ма сæм бафтыдтой Белгороды облæстæй 200 сывæллоны дæр.
темæмæ гæсгæ




