филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:09 воскресенье, 19 мая 2024
28 апреля 2022, 10:40
Цæгат Ирыстонмæ фæстаг рæстæг цы туристтæ цæуынц, уыдон фылдæр бæрæг кæнынц Фыййагдон, Дыгургом æмæ Дæргъæвс

Хæхты æрмæст аив æмæ рæсугъддзинад уый иу, фæлæ ма æмбæлгæ инфраструктурæ куы уа, уæд дзы уымæн æмбал нæй. Уый у, Цæгат Ирыстонмæ фæстаг рæстæг цы туристтæ цæуы, уыдоны хъуыды. Республикæйы уазджытæ фылдæр бæрæг кæнынц Фыййагдон, Дыгургом æмæ Дæргъæвс. Фæлæ алы ран дæр ис иу къуылымпыдзинад – фæндаггон сервис. Туристты фæндонтæ æмæ фиппаинæгтæ сæмбырд кодта не сфæлдыстадон къорд.

Орловы облæстæй уазæг Юлия Косачева Гæлиаты æхсæрдзæны цур къам хуымæтæджы нæ систа, Уæрæсейы картæйы йæ йæ зæрдыл бадардзæн, æмæ ма æнæмæнг ардæм сыздæхдзæн. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æрзылди æппæт бæстæйыл. Уыди Байкалы, фæлæ, Кавказы тыххæй зонгæ дæр нæ кодта. Алцыдæр хорз, фæлæ дзы къулымпытæ ис инфраструктурæйы.

Дыгургом туристты хсæн у æппæтæй популярондæр. Адæм ардæм цæуынц афæдзы дæргъы. Æппæтæй арæхдæр фæлладуазджыты зæрдæмæ цæуынц Гæлиат æмæ Задалекс. Фæндæгтыл цы æрдзон нывтæ ис, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй ничи кæсы. Фæлæ дзы иумæйаг туристон инфраструктурæ нæй. Уый тыххæй дзурынц экскурсоводтæ сæхæдæгдæр.

Санитарон зонæтæ дзы ис. Фæлæ бирæ не сты. Сæ фылдæр сты кувæндæттæм хæстæг, кæнæ та хъæуты. Уый иу, дыккаг – каст сæм нæй, ничи сæ æфснайы. Цыколайæ Дунтама банымадтам 6 санузелы. Сæ фылдæр сты базилинаг. Æмæ ахæм уавæры сты туристон къабæзты фылдæр рæттæ. Туризмы райрæзты Æрæфы районы бакъодтой ахадгæ куыст. Хъæуты байгом кодтой æнæниздзинадхъахъхъæнынады объекттæ, базылдысты фæндæгтæм. Зæгъæм, æппæты егъаудæр арæзтадон хай ис Мацутæйæ Комы-Артмæ. Фæндаг байгом кодтой Зджыды уылты дæр, иу кæны дыууæ комы, у уæлæмхасæн маршрут. Фæлæ фæндаггон инфраструктурæйыл та кусынц нырма ныр.

Ультромарафоны архайæг Александра Некифоровæн Дзывгъисы фидармæ схизын зын нæ уыди. Зоны йæ ивгъуыды, ацы арæзтадмæ знæгтæ нæ хæццæ кодтой. Фæлæ адон ссыдысты хæлардзинад парахат кæнынмæ. Куырттаты комы суазæг кодтой бæстæйы алы горæттæй туристты. Кæд уаргæ кодта, уæддæр сын се нкъарæнтæ нæ фехæлдта. Алцыдæр хорз, фæлæ ам дæр инфраструктурæ у хуыздæр хъуаг.

Фыййагдон нымад у туристты уарзондæр бынатыл. Историон цыртдзæвæнтæ, хæхтæ æмæ сыгъдæг уæлдæф. Хъæуы администрациинфраструктурæйы рæзтыл архайынц сæхи æмвæзадыл. Территорийы ис цалдæр санитарон зонæйы. Дзуарыхъæуæй уæлæмæ дзы ис 4. Сæ иу дзы тæккæ бацæуæны сæвæрдтой туризмы комитеты хъæппæрисæй. Иннæ та сарæзтой хъæуы администрацийы фæрæзтæй.

Цымытийы цæрæг Гæджынаты Зарæйæн рагон арæзтæдты нывтæ сты æрвылбоны пейзаж. Ам цæры фæстаг цалдæр азы. Сыхæгтæ йын бирæ нæй, фæлæ уый зæгъæн нæй туристтæй. Куыд зæгъы, афтæмæй бæлццæттимæ куы фæныхас кæны, уæд арæх фæхъаст кæнынц бырæтты контейнерты дзæ кæй нæй, уымæй.

Фыййагдоны раздæр контейнертæ уыди. Фæлæ сæ администраци айста. Хъæуы хицауы ныхæстæм гæсгæ, уымæн ис 2 аххосаджы – коммуналон службæты куыст æмæ æрдзон уавæртæ. Бырон ардыгæй стæм хатт ластой, æмæ иу æй дымгæ ныппырх кодта. Фарста алыг кодтой гыццыл бырондæттæ сæвæргæйæ.

Цæгат Ирыстоны туризм рæзы æмæ парахат кæны афæдзæй-афæдзмæ. Нæ республикæ бабæрæг кæнын кæй фæнды, ахæм адæм бирæ. Туристтæн сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй Кавказы хæхтæ сæхимæ лвасынц. Ам адæймаджы зæрдæйы гуыры алыхузæн æнкъарæнтæ. Ардæм адæм цæуынц сæ удыхъæд фæфидардæр кæнынмæ. Инфраструктурæмæ базилгæйæ та ацы хъуыддар ноджыдæр фæфидардæр уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania