филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:14 воскресенье, 01 февраля 2026
20 сентября 2022, 11:55
Цæгат Ирыстонмæ  ссыдысты 23 реставраторы

Се ссыды нысан –  проект «Беслæны намыс»-ы архайын

Цæгат Ирыстонмæ  ссыдысты 23 реставраторы Мæскуыйæ, Санкт-Петербургæй, Томскæй, Красноярскæй, Мæскуыйы облæстæй, Псковæй æмæ Вологдæйæ. Се ссыды нысан –  проект «Беслæны намыс»-ы архайын. Афтæмæй сæ фæнды се вæрæн бахæссын фыццаг скъолайы бæстыхай бахъахъхъæнынмæ. Хуынд специалисттæ ныридæгæн æххæст кæнынц консевацигæнæн куыстытæ спортзалы, скъолайы кълæсты, хæрæндоны æмæ тыргъты. Проект царды уадзынц Æппæтуæрæсеон патриотон реставрацион змæлды штабы хъæппæрисæй. Æппæт куыстыты фæдыл ныхас цыд «Беслæны мадæлты» комитетимæ. Сæйраг хæс у – скъолайы цы къултæ баззад, уыдон штукатуркæйæ сфидар кæнын. Номарæн фыстытæ, срæмыгъдты æмæ æхстыты фæдтæ хæлд не рцæудзысты. Бахъахъхъæндзысты сæ, куыд Беслæны скъолайы цы трагеди æрцыд, уый сæйраг æвдисæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania