филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:29 воскресенье, 01 февраля 2026
03 мая 2023, 12:07
Цæгат Ирыстоны 1-æм июны йæ куыст райдайдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы фонд

Хицауады вице-премьер Тугъанаты Ларисæ куыд загъта, афтæмæй 24 сæрмагонд координаторы ныридæгæн ацыдысты ахуыртæ

Цæгат Ирыстоны 1-æм июны йæ куыст райдайдзæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы фонд. Хицауады вице-премьер Тугъанаты Ларисæ куыд загъта, афтæмæй 24 сæрмагонд координаторы ныридæгæн ацыдысты ахуыртæ. 11-æм майæ фæстæмæ та фондты разамонджытæ ахуыр кæнын райдайдзысты Уæрæсейы Хицауады раз адæмон хæдзарады академийы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы фонд сарæзтой президент Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ. Фонд амондзæнис социалон, медицинон, психологон æххуысы фæтк, стæй лыг кæндзæн реабилитаци æмæ санаторон-курортон мадзæлтты фарстатæ.  Уымæй уæлдай сын фонды специалисттæ æххуыс кæндзысты куыст ссарынмæ æмæ ахуырад райсынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania