30 сентября 2019, 12:15
Цæгат Ирыстоны 2020 азы сцалцæг кæндзысты Алайнаг нæлгоймæгты моладзандонмæ фæндаг
Куыстыты фæлгæты ралæгъз кæндзысты фæндаг æмæ йæ бамбæрздзысты асфальтæй.
Цæгат Ирыстоны 2020 азы сцалцæг кæндзысты Алайнаг нæлгоймæгты моладзандонмæ фæндаг.
Куыстыты фæлгæты ралæгъз кæндзысты фæндаг æмæ йæ бамбæрздзысты асфальтæй. Уыцы нысантæн æдæппæтæй бахъæудзæнис 76 милуан сомы республикæйы бюджетæй. Бафиппаинаг у уый, æмæ фæндаг цæуы Куырттаты коммæ. Уым сты, алы бæстæтæй туристтæ цы бынæттæм цæуынц, уыдон. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæг машинæты змæлд нæ сæхгæндзысты.

темæмæ гæсгæ