Абоны онг цæрынц 35 кæлæддзаг хæдзары
Цæгат Ирыстоны 2024-æм азмæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм ракæндзысты мин сæдæ æвддæс адæймаджы, уыдон сты 419 бинонтæ. Абоны онг цæрынц 35 кæлæддзаг хæдзары. Уый тыххæй фехъусын кодта, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Прогарммæ æххæстгонд цæуы национ проект горæты æнцонвадат царды фæлгæты. Программæмæ хаст æрцыдысты 19 мин квадратон метры. Архайыц дзы цалдæр муниципалон сконды: Дыгуры, Мæздæджы æмæ Рахизфарсы районтæ. Ацы аз проектмæ хаст æрцыди Дзæуджыхъæу дæр. Фæнд кæнынц мин фараст сæдæ нæуæдз дыууæ квадратон метры фæзуат радтын. Ныртæккæ уал ног хæдзæрттæм 54 бинонтæй ракодтой 123 адæймаджы. Уыдон цардысты 3 бирæуæладзыгон кæлæддзаг хæдзары. «Ацы программæйыл хардзгонд æрцæудзæн 87 милуан сомы бæрц», – загъта профилон министрады разамонæг. Уыдон сты федералон, бынæттон æмæ муниципалон скондты бюджетты фæрæзтæ.




