Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег
Цæгат Ирыстоны 210 уæзласæн машинæйæ фылдæр æнхъæлмæ кастысты, уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахизынмæ. 200 машинæйы та лæууынц сæрмагонд æрлæууæн бынæтты, 170 та сæхи сæвæрдтой электрон рады хыгъды. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег. Уымæй дарддæр сбæрæг, ацы къуыри кæй ацæудзæн иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны тренировкæгæнæн къæпхæн.
Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ хъарутæ бафæлвардзысты 3 мины æмæ 500 скъоладзауы.
Дзанайты Барис фау æрхаста профилон комитеты куыстмæ, уымæн æмæ республикæйы фæндæгтæ сты сыгъдæггæнинаг. Премьер бафиппайдта, районтæй бирæ хъыстытæ кæй цæуы, уый. Хицауады Сæрдар æппæт бæрнон министрадтæн бабар кодта къуырийы кæронмæ фæндæгтæм, куыд æмбæлы, афтæ базилын.




