Эпидемиологон уавæр цы æмбæлы, уымæй у гыццыл бæрзонддæр
Грипп æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц раздæрау у бирæ, Цæгат Ирыстоны 24 рæвдауæндоны æмæ 10 скъолайы сты карантины æхгæд. Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Уавæры тыххæй бæрæггæнæнтæ æрхаста фæлхасадмæ цæстдарды управленийы разамонæг Тыбылты Алан дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, эпидемиологон уавæр цы æмбæлы, уымæй у гыццыл бæрзонддæр. Æмбырды ныхас цыди æнæниздзинад хъахъхъæнынады куыстыл дæр. Профилон министр Тебиаты Сослан куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд къуыри адæм медицинон æххуыс бацагуырдтой 4 мин хаттæй фылдæр. 66 бригады сты линийыл. Аппаратон æмбырды æрдзырдтой Арвы комы фæндаджы уавæрыл дæр. Боныхъæд кæй февзæрдæр, уый аххосæй Гуырдзымæ фæндаг кусы фæткмæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ æй бынтондæр сæхгæной. Машинæтæ фылдæр кæм æрæмбырд уа, уыцы бынæтты байгом кæндзысты хъармгæнæн пункттæ.




