Уый уыд æнæмæнг æххæстгæнгæ домæн, иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæнгæйæ
Цæгат Ирыстоны 3 мин скъоладзауæй фылдæр ныффыстой хатдзæгтæгæнæн нывæцæн. Уый уыд æнæмæнг æххæстгæнгæ домæн, иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæнгæйæ. Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы рауагъдонтæн æмæ инвалид-сывæллæттæн сæ бон уыд нывæцæны бæсты равæрд ныффыссын. Аргъ та сын кæнынц, системæ «бахыгъд» кæнæ «æнæбахыгъд»-мæ гæсгæ. Бахыгъд чи нæ райса, уыдонæн уыдзæн уæлæмхасæн бонтæ – 2026-æм азы 4-æм феварль æмæ 8-æм апрель. Нвæцæн æмæ равæрд фыстой цалдæр къабазмæ гæсгæ: «Адæймаджы царды удварны хæзнатæ», «Бинонтæ, æхсæнад, Фыдыбæстæ», «Æрдз æмæ культурæ». Экспертты хъуыдымæ гæсгæ сæйрагдæр уыд домæнтæ æххæст кæнын: æнæ искæйы æххуысæй ныффыссын, стæй 350 дзырдæй фылдæр ма спайда кæнын.




