филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:52 понедельник, 06 мая 2024
09 июля 2019, 17:05
Цæгат Ирыстоны 3 районы хус рæстæг кæй ахаста, уымæ гæсгæ сæвзæрд æнæнхъæлæджы уавæр

Загъта хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег.

Цæгат Ирыстоны 3 районы хус рæстæг кæй ахаста, уымæ гæсгæ сæвзæрд æнæнхъæлæджы уавæр. Загъта хицауады сæрдары хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег.
Йæ ныхæстæм гæсгæ май æмæ июны цы тæвд бонтæ уыд, уыдон бахъыгдæрдтой хъæууон хæдзарады 77 мин гектары Мæздæджы, стæй Кировы æмæ Рахизфарсы районты иу хай.
Хицауадон æмбырды ма ныхас цыд адæмæн куыстдæттыны фарстатыл. Фарон сæрмагонд комитеты уылты куысты бынат ссардтой 3 мин 165 адæймаджы. Уый тыххæй радзырдта ведомствæйы разамонæг Платы Альбинæ. Фароны куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ арæзт æрцыдысты амалхъом адæмы разæнгардгæнæн мадзæлттæ. Конкурсы архайыны бар уыд куыд фæлтæрдджын амалхъом адæмæн, афтæ æгуыст адæмæн дæр. Субсидитæ райстой 103-йæ. Уыдонæй 100 æнтыстджынæй кæнынц сæ куыст. Платы Альбинæ ма бафиппайдта, уæлæмхасæн гæнæнтæ кæй дæтты теоретикон зонындзинæдтæ практикон æгъдауæй фидар кæныны программæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania