филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:14 суббота, 28 сентября 2024
22 сентября 2020, 14:12
Цæгат Ирыстоны 4-æм аз æххæстгонд цæуы программæ «Горæты æнцонвадат цард»

Кæртыты æвæрд цæуынц рухсытæ, бордюртæ, бандæттæ, бырондæттæ, æвæрынц дзы ног асфальт

Цæмæй бирæфатерон хæдзæртты адæмæн æмбæлгæ уавæртæ уа, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны 4-æм аз æххæстгонд цæуы программæ «Горæты æнцонвадат цард». Кæртыты æвæрд цæуынц рухсытæ, бордюртæ, бандæттæ, бырондæттæ, æвæрынц дзы ног асфальт. Иуæй-иу кæртыты проектты ис сывæллæтты хъазæн фæзтæ дæр. Прогаммæ баст у æхсæндадон территоритæ аив кæнынимæ. Афтæ, Октябрьскæйы рацарæзты фæстæ байгом центрон парк.

Цæлыккаты Хъантемыры уынджы хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты 60-æм азты. Уæдæй нырмæ дзы  сæ кæртыты ницы куыстытæ цыдис.

Ацы кæртыты аивгæнæн куыстытæ райдыдтой июлы кæрон. Проект «Горæты æнцонвадат цард» æххæстгæнгæйæ дзы сæвæрдтой бордюртæ æмæ рухсытæ, хъæуы ма дзы асфальт сæвæрын.

Интернациональныйы уынджы куыстытæ ныридæгæн фесты. Иннæ аз ма фæнд кæнынц сывæллæттæн хъазæн фæз саразын æмæ территори сæхгæнын.

Проект «Горæты æнцонвадат цард» æххæстгонд цæуы 2017-æм азæй фæстæмæ. Конд у 5 азæн. Ацы аз хъуамæ базилой республикæйы 127 кæртмæ æмæ 38 æхсæнадон зонæмæ.

Фæлладуадзæн зонæ, хъазæн фæз, астæуæй – амфитеатр «Ракушка» . Ног хуызы рацарæзтой Октябрьскæйы центрон парк дæр. Цæрджытæн у сæ уарзон бынат. Йæ рацарæзт  2 азы размæ райдыдта федералон программæ æххæстгæнгæйæ.

Хъæуы цæрджытæ парк байгом кæнынмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Хæмыцаты Луизæ паркмæ хæстæг цæры. Сабитимæ æрбацæуы алы изæр дæр.

Парк байгом кодтой концертон программæйæ. Архайдтой дзы ирон эстрадæйы зарæггæнджытæ, адæмон ансамбльтæ. Хъæуы администраци зæгъы, парк зæрдæмæдзæугæ уыдзæни куыд фæсивæдæн, афтæ ацæргæ адæмæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania