филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:44 суббота, 18 мая 2024
27 июля 2023, 11:58
Цæгат Ирыстоны 62 амалхъом адæймаджы æнæзакъонæй уæй кæнынц, никотин кæмæ хæццæ кæны, ахæм товартæ

Ахæм хатдзæгтæ бæрæггæнæн рейдты фæстæ скодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ

Цæгат Ирыстоны 62 амалхъом адæймаджы æнæзакъонæй уæй кæнынц, никотин кæмæ хæццæ кæны, ахæм товартæ, ноджыдæр ма 110 адæймаджы сæ бизнес æххæст кæнынц закъонхæлдтытимæ. Ахæм хатдзæгтæ бæрæггæнæн рейдты фæстæ скодтой фæлхасадмæ цæстдарды управленийы специалисттæ. Æдæппæтæй бабæрæг кодтой 320 базарадон бынаты. Цæстдарæн мадзæлтты рæстæг куыд рабæрæг, афтæмæй иуæй-иу амалхъом адæм тамакойы продукци уæй кæнынц, домæнтæ халгæйæ, æмбæлгæ уагыл нæ вæййы сæ маркировкæ дæр. Цавæр мадзæлттæ аразын хъæуы, цæмæй республикæйы цæрджытæ зиангхæссæг фæрæзтæм æмхиц ма уой, уый тыххæй радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы минæвæрттæ аразынц рейдтæ, æмæ кæсынц, никотин кæмæ хæццæ кæны, ахæм товартæм. Специалисттæ сбæрæг кæнынц, домæнтæ хæлд цæуынц, æви нæ, стæй тамакойы продукци цы ран уæй кæнынц, уый дæр. Уымæн æмæ дукани ахуыргæнæндæттæм хæстæг хъуамæ ма уа. Уæдæ закъонхæлдыл нымад у, товар витринæйыл æвæрд куы уа, уый, стæй рекламæ. Специалисттæ бæстон кæсынц, товарты никотин цас ис, уымæ дæр.

Ахуыры азы агъоммæ фæлхасадмæ цæстдарды управленийы минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны сбæрæг кодтой 320 бынаты, никотин кæм уæй кæнынц, ахæмтæ. Уыдонæй 258 сты амалхъом адæмы куыстуæттæ. Ис сын хъалонисæн оргæны регистраци дæр. 62 бынаты та уæй кæнынц æнæзакъонæй. Фæлхасадмæ цæстдарды специалисттæ рейды хатдзæгтæ балæвæрдтой бæрнон ведомствæтæм.

Республикæйы наркологон диспансЕры сæйраг дохтыр Гæззаты Алыксандр куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг рæстæг никотин цы товартæм хæццæ кæны, уыдонæй æппæтæй арæхдæр пайда кæнынц фæсивæд. Продукци у алыхуызон, фæлæ сæ фæстиуджытæ та сты иу. Цæмæй адæймаг уыцы зианхæссæг товартыл ма фæцахуыр уа, уый тыххæй сæ хъæуы аиуварс кæнын, цалынмæ сывæллон у, уæдмæ.

Ацы аз, апрелы, Федералон закъонмæ ивддзинæдтæ хæсгæйæ, бафыстой, никотин цы товарты ис, уыдонæн рекламæ кæнын кæй нæй, уый. Уæдæ сын нæй аргъ къаддæр кæныны бар дæр. Амалхъом адæймаг домæнтæ куы не ххæст кæна, уæд уыдзæн иваргонд.

Никотин æвзæр ахады адæймаджы алы оргæныл дæр. Ахсджиаг у фæсивæдимæ ныхас кæнын, æмæ дзурын уыцы зианхæссæг фæрæзы тыххæй. Стæй хи дæнцæгæй æвдисын æнæниз цардыуаг куыд æххæстгæнгæ у, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania