филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:01 воскресенье, 01 февраля 2026
08 сентября 2023, 11:47
Цæгат Ирыстоны 9-æм æмæ 10-æм сентябры æвзæрстытæм цæттæ кæныны æхсæнадон штабы арæзт æрцыд хатдзæгтæгæнæн æмбырд

Алагиры, Æрæфы, Мæздæджы, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты æвзардзысты сæргълæуджыты æмæ хъæуты минæвæртты депутатты

Цæгат Ирыстоны 9-æм æмæ 10-æм сентябры æвзæрстытæм цæттæ кæныны æхсæнадон штабы арæзт æрцыд хатдзæгтæгæнæн æмбырд. Алагиры, Æрæфы, Мæздæджы, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты æвзардзысты сæргълæуджыты æмæ хъæуты минæвæртты депутатты. Республикæйы Æхсæнадон палатæйы сæрдар Нина Чиплакова куыд фехъусын кодта, афтæмæй æвзæрстыты цыдмæ сæ цæст дардзысты 104 æхсæнадон цæстдарæджы. Æмбырды ма архайдтой Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ, стæй адæмы бартæ æххæстбарджын хъахъхъæнæг Цгъойты Тамерлан. Боны фæткмæ рахастой æвзарæн системæйы информацион æдасдзинады фарста дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania