филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:28 воскресенье, 01 февраля 2026
01 июня 2023, 11:49
Цæгат Ирыстоны абон бæрæг кæнынц сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон

Бирæ азты дæргъы  йæ бæрæг кæнынц дунейы бирæ бæстæты дæр

Цæгат Ирыстоны абон бæрæг кæнынц сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон бон. Бирæ азты дæргъы  йæ бæрæг кæнынц дунейы бирæ бæстæты дæр. Йæ нысан у хистæр фæлтæры зæрдыл æрлæууын кæнын, сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын кæй хъæуы, уый. Бæрæгбоны мадзæлттæ сараздзысты республикæйы районты æмæ сывæллæтты сфæлдыстады галуаны дæр. Сывæллæттæ æвдисдзысты сæ арæхстдзинад кафынæй, ныв кæныныæй æмæ спортивон ерысты архайынæй. Нæ республикæйы æрыгон цæрджытæн бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодта Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй хистæрты раз лæууы ахсджиаг æмæ бæрнон нысан — нæ райгуырæн бæстæйæн схъомыл кæнын аккаг кæстæрты, патриотты, хорз адæймæгты. Сывæллæтты хъомылады æмæ бинонты удварны фарстатæ кæддæриддæр сты ахсджиаг. Хъуамæ алы саби дæр хъомыл кæна æнæнизæй æмæ амондджынæй, йæ алыварс та уой, чи йæ уарзы æмæ йыл чи тыхсы, уыцы хистæртæ. Сывæллæтты хæрзæбонæн нæ республикæйы аразынц ног скъолатæ, рæвдауæндæттæ, спортивон комплекстæ. Хурæфсæст æмæ æнæниз ут, цард уæм мидбылты худæд — уыдис загъд арфæйы ныхасы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania