филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 13 декабря 2025
30 октября 2019, 17:10
Цæгат Ирыстоны абон мысынц 1992-æм азы Горæтгæрон районы трагикон цаутæ

Хъæбатырты Аллеямæ, æдзард хæстонты ном æрымысынмæ æрвылазон æгъдаумæ гæсгæ æрбацыдысты сæдæгай адæмтæ.

Цæгат Ирыстоны абон мысынц 1992-æм азы Горæтгæрон районы трагикон цаутæ.

Хъæбатырты Аллеямæ, æдзард хæстонты ном æрымысынмæ æрвылазон æгъдаумæ гæсгæ æрбацыдысты сæдæгай адæмтæ. 27 азы размæ йæ цард чи нæ бавгъау кодта, уыцы хъæбатырты цыртдзæвæнтыл дидинджытæ сæвæрдтой республикæйы Парламенты æмæ Хицауады уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы разамынды минæвæрттæ. Номарæн мадзалы архайдтой æвзонг æфсæддонтæ дæр. Рæнхъытæй раст лæугæйæ сарæзтой кадджын хъалагъур. Дидинджытæ æмæ веноктæ абон сæвæрдтой Камбилеевскæйы æфсымæрон ингæны дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уыцы бонты Ирыстонæй фæмард 118 адæймаджы, 37 та ныры онг нымад сты æбæрæгæй сæфтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania