филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 суббота, 28 сентября 2024
06 ноября 2019, 17:55
Цæгат Ирыстоны абон мысынц, 2008 азы, 6-æм ноябры цы терористон акт æрцыдис, уый амæттæгты

11 азы размæ Дзæджыхъæуы, кинотеатр Дружбæйы раз æрлæууæн бынаты йæхи срæмыгъта сылгоймаг-терорист

Цæгат Ирыстоны абон мысынц, 2008 азы, 6-æм ноябры цы терористон акт æрцыдис, уый амæттæгты. 11 азы размæ Дзæджыхъæуы, кинотеатр Дружбæйы раз æрлæууæн бынаты йæхи срæмыгъта сылгоймаг-терорист. Рæмудзæны тых уыдис 500 граммы тротиллы эквиваленты. Фыдбылызы фæмард ис 12 адæймаджы. Цыппор иуæй та фесты цæфтæ. 2008-æм азы Æдасдзинады Федералон службæйы уæды директор Александр Бортников, антитеррористон къамисты разамонджытимæ фембæлды загъта, Дзæуджыхъæуы теракт кæй сарæзтой æппæтадæмон терористон организаци Имарат Кавказы уæнгтæ. Йæ разамонæг теракты бон сæрмагондæй равзæрста, цæмæй Мæхъæл æмæ Цæгат Ирыстоны республикæты хсæн национ ахастдзинæдтæ фæкарздæр уой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania