филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:58 суббота, 31 января 2026
25 декабря 2025, 14:13
Цæгат Ирыстоны æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамындæн дарддæр æххæстгонд цæуынц разамонджыты практикæтæ

Проект арæзт æрцыд РЦИ-А сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй

Цæгат Ирыстоны æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамындæн дарддæр æххæстгонд цæуынц разамонджыты практикæтæ. Проект арæзт æрцыд РЦИ-А сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Ацы хатт мадзал бацæттæ кодта исбоны æмæ зæххыты ахастдзинæдты министрад. Министр Тедеты Руслан радзырдта, разамынд цы ведомствæйæн дæтты, уый сæйраг фæзилæнты тыххæй, министрад паддзахадон хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн цавæр практикæтæй пайда кæны, уыдæтты тыххæй. Тедеты Руслан базонгæ кодта йæ фæлтæрддзинадимæ, ведомствæты хсæн, федералон структурæты æмæ инвестортимæ æмгуыстады. Цавæрдæр хъуыддæгты радта амынддзинæдтæ. Уæ зæрдыл уын æй лæууын кæнæм, ацы семинарты министрадты æмæ ведомствæты минæвæрттæ  базонгæ вæййынц се мкусджыты фæлтæрддзинадимæ. Проект арæзт у ведомствæты æмæ бынæттон администрациты оргæнты хсæн æмгуыстад снывыл кæнынмæ. Сергей Меняйлойы хæслæвæрдмæ гæсгæ, семинарты архайынц программæ «Ирыстоны намыс»-ы архайджытæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania